covid19vaccines.ge
covid19vaccines.ge
Арæзт вакцинацитæ 💉

2 930 677

Æххæстæй вакцинаци ацæугæ 💉💉

1 276 173

Иммунизацийы программа Вакцинацийы цæттæдзинад Медицинон бæстыхæйтты номхыгъд


Иммунизацийы программа

Гуырдзыстоны иммунизацийы националон план йæ зæрдыл дары æнæаргъæй (лæварæй) вакцинаци. Вакцинацийы регуляци æхæхст кæны «Æхсæнадон æнæниздзинады фæдыл» Гуырдызстоны законæй æмæ нормативон акттæй.

Иммунизацийы националон программæйы фадаттæй æмæ ресурстæ фыст сты «Ковид -19» ныхмæ  вакцинæты националон планы.

(информацийы фенын ам)

Имунизацийы процессы этаптæ

Ацы перилоды онг Гуырдызстоны масштабæй иммунизацийы программайы баст медицинон бæстыхæйттæ «Ковид-19» ныхмæ вакцинаци æххæст кæнынц 333 бригадæ, иу боны мидæг максималон нымæц 11 000 –онг вакцинæ у. Иу боны мидæг цæуы арæзт 700 дозæ алы 100 000 æмбæстагыл. Фылдæр информацийæн иммунизацийы процессы фæдыл фенут 15-æм марты -15-æм июлы хаццæгы.

(информацийы фенын ам)

«Ковид -19» ныхмæ вакцинацийæн æнæмнг у алы процедурайы бахъахъæд. Вакцинайы æнæмнг температурайы бавæрд йæ рауагъдæй (амалиуæггæнæгы рекомендаци лæвæрд температурайы).

Æндæр æмæ æндæр вакцинайæн сæрмагонд бавæрды уаг ис. Алкæмæй арæх вакцинайæн +2 градус, +8 градус у. Фæлæ ис вакцинæтæ, кæцыты бавæрæн температурæ -20, 60-80 градус у.

Вакцинайыбавæрд централон, регионалон æмæ муниципалон скъладты

«Ковид -19»  -ы ныхмæ вакцинайы централон, регионалон æмæ муниципалон скъладтæ æндæр æмæ æндæр типы вакцинæ æмæ йæ бавæрды, температурамæ гæсгæ, сты .  Низты контролы националон центр, Тбилисы централон скълады низты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады националон центры, Имереты æмæ Аджарийы æмæ ноджы бæстæйы масштабæй 60 муниципалитеты ис.

Тбилисы централон скълад, афтæ дæр регионалон фнкцитæ æхæхст кæны æмæ  æхсæнадæмон æнæниздзинады националон центры Имерет æмæ Аджарийы æмæ ноджы 60 муниципалитеты.

Тбилисы централон скълад афтæ дæр регионалон скъладты архайд контрол кæны æмæ скæсæн Гуырдызстонæн лæггад кæны. Кутаисы регионалон скълад, Ныгуылæн Гуырдызстоны, Батумы скълад та Аджарийы цæрджытæн лæггад кæны.

Скъладты ифтонгад æмæ уазалгæнæг камерæ

Централон, регионалон æмæ муниципалон скъладтæ ифтонггонд сты æнæмнг нымæцы уазалгæнæг камератæй, транспортон контейнертæй, уазалгæнг  къоппытæй, теемпературайы мониторингы систематæй æмæ вакцинæ-æргъæвды автомобилтæй.

Вакцинæйы транспортировкæ скъладмæ, вакцинацийы уатмæ.

Вакцинæйы сæйраг хай у вæрд централон, регионалон æмæ муниципалон скъладты, кæцыйæ вакцинæйы адихы процесс æмæ аргъæвды процесс æххæст кæны нысангонд пунктмæ (3-5 боны æмгъуыды).

Вакцинæйы адихы схемæ æмæ период, вакцинайы скъладæй пунктмæ аргъæвды у баст вакцинайы типыл (бавæрды температурайыл). Pfizer-BioNTech- ы вакцинæ скъладты -80°C  градусы у вæрд.

Æндæр вакцинæты бавæрды цауы, кæцытæ +2, +8 градусы режим у æнæмнг  (Oxford/AstraZeneca, Sinopharm, Sinovac), вакцинæты бавæрд  централон, регионалон, муниципалон скъладты æхæхст кæны. Вакцинайы транспортæй æргъæвд, вакцинацийы  пункты онг, растдæр муниципалон скъладæй цæуы æххæстгонд æмæ процсс медицинон бæстыхæййттæ æххæст кæнынц, кæцыты ис вакцинацийы пункъттæ.

Вакцинацийы специалон уаттæ.

Алы медицинон бæстыхайы ис бæрнджын уæнг, кæцы специалон тренингтæ ацыд æмæ хæсджын у вакцинайы райсты баст уа, вакцинайы бавæрд, температурайы режимы контрол æмæ уазал къоппы бавæрд.

Электронон системæ.

Вакцинайы бæрц электронон модулы æххæст кæны, кæцыйы вакцинайы бæрц æмæ транспортировкæйы фæдыл алы стандартон хаццæгы сарæзт æхæхст кæны централон, регионалон æмæ муниципалон уагдæтты.

 Медицинон персоналы цæттæдзинад.

Медицинон персоналы информирдзинад æмæ ахуырад «Ковид -19» ныхмæ вакцинацийы фæдыл нысаниуæгджын у вакцинацийы процессы æдасдзинад æмæ эффектондзинадæн.

Иммунизацийы процессы баст медицинон персоналæн специалон тренингтæ уыд уагъд æмæ уыд лæврд архайæг документтæ, кæцытæ гæсгæ æхæхст кæнынц иммунизацийы æмæ вакцинацийы процесс.

17-æм февралæй абоны онг «Ковид -19» ныхмæ вакцинацийы процессы хайадрайсты нысанæй низты контролы æмæ æхсæнадæмон æнæниздзинады националон центры уыд цæттæгонд. Гуырдызстоны 166 бригадæ кусы:

– практикон иммунизаци/ уагæвæрдтæ

– вакцинацийы фæстиуæг уæвæг аллергион реакцитæ

– логистика

– регистрацийæн электронон портал æмæ йæ куыст

Æнæниздзинады дунеон организацийы тренинг модултæй спайдайы фæрцы Гуырдызстоны масштабæй «Ковид-19» вакцинацийы интерперсоналон æмæ кризисты коммуникацийы 100 тренинг уыд уагъд. Медицинон сферайы спикерты æмæ бынæттон хицауады бæрнонтæн (2000), кæцы 2021-æм азы июны адаргъ ис.

 Вакцинацийы æдасдзинад, иммунизацийы фæстæ уæвæг негативон цауты рæстæджы

Иммунизацийы фæстæ уæвæг негативон цаутыл реакци, иммунизацийы националон программайы хай у æмæ йæ эффектон куыст æххуыс кæны вакцинацийы процессæн æмæ йæ æдасæй сыхæхстæн.

Вакцинацийы фæстиуæг уæвæг негативон цаутыл цæстдард иммунизацийы хицауадон программайы фæлæгтты 20 азæй фылдæр даргъ кæны. Системæйы сног 2019-æм азы сыхæхст ис, кæцы æнæхъæнæй æхæхст кæны æнæниздзинады дунеон организацийы рекомендацитæ.

Медицинон бæстыхæйтты номхыгъд

Гуырдзыстоны «Ковид -19» ныхмæ вакцинацийы процессы баст сты 100-онг медицинон бæстыхай.

Фæдзурут нæм: 116 001 ныффысут нæм: ncdc@ncdc.ge
Фæдзурут нæм: 116 001
ныффысут нæм: ncdc@ncdc.ge
EU & WHO

Веб-фарс цæттæ у æнæниздзинады дуноен организацийы æмæ Евроцæдисы финансон фарсылхæцындзинадæй, ам фыст информаци у авторы сæрмæмулкъ æмæ гæнæн ис уа хъауджыгонд Евроцæдисы уындмæ абаргæйæ.

EU & WHO

Веб-фарс цæттæ у æнæниздзинады дуноен организацийы æмæ Евроцæдисы финансон фарсылхæцындзинадæй, ам фыст информаци у авторы сæрмæмулкъ æмæ гæнæн ис уа хъауджыгонд Евроцæдисы уындмæ абаргæйæ.