Кæмæн у барлæвæрд вакцинаци.
Райдайæны вакцинацийы националон план йæ зæрдыл дардта Гуырдызстоны æмбæстæгты æмæ Гуырдызстоны цæрыны бар-гæххæт райсгæ удгоймæгтæн, вакцинаци. Ныр, «Ковид -19» вакцинацийы сарæзты фадат ис:
– Гуырдзыстоны æмбæстагæн æмæ Гуырдызстоны, цæрæн бынаты райсгæ докуменеты удгоймæгтæн, 18 аз æмæ уæлдæр кары уæнг;
– Гуырдызстоны территорийыл легалонæй уæвæг фæсарæйнаг æмбæстаг/ æмбæстагдзинад, кæцыйæн нæй, кæцы Гуырдызстоны ис æмæ йæ æрбахызтæй бæстæмæ, æртæ мæйæ къаддæр рæстæг нæ аивгъуыдта;
-Гуырдызстоны програмæ «Кус Гуырдзыстонæй» хайадисæг фæсарæны æмбæстаг æмæ йæ бинонты уæнгтæн;
– Гуырдызстоны, ахуырад райстæн уæвæг студенттæн;
– Гуырдызстоны акредитацигонд дипломативон бæрнонты, консулствайы, æппæтдуноен организациты бæрнонты, фæсарæйнаг кусджыты æмæ сæ бинонты уæнгтæн;
– Гуырдызстоны окупацигонд територитыл уæвæг цæрджытæн, æнæкæсгæ æмбæстагдзинадмæ, афтæ дæр окупацигонд теритоитыл дипломативон мисситы æмæ æппæтдуноен донор –организациты фæрцы финансиргонд проектты кусæг уæнгтæн æмæ сæ бинонты бæрнонтæн;
– пенитенциарон уагдоны уæвæг уæнгæтæн;
– фæсарæйнаг бæстæйы уæнгæн, кæцыйы бинонты уæнг (сыввæллон, ныййарæг, удыхай) Гуырдызстоны æмбæстаг у. №164 уагæвæрд;
«Ковид -19» -ы ныхмæ вакцинаци, «Pfizer»-æй кæмæн ис лæвæрд бар:
- Гуырдызстоны æмбæстаг æмæ
- Гуырдызстоны цæрыны бар-гæххæт райсгæ удгоймæгтæн, 16-18 азы кары онг; сывæрджынтæн;
- 12-æй -15 азы кары хроникъон низтимæ сабитæн;
Вакцинаци, Гуырдызстоны æмбæстæгты æмæ Гуырдызстоны цæрыны бар-гæххæт райсгæ удгоймæгтæн, афтæ дæр Гуырдызстоны цæрæг фæсарæйнаг æмбæстæгтæн æнæаргъ у. Вакцинацийы аргъ фиды хицауад.
Кæд ис лæвæрд бар вакцинацийæн «Ковид -19» -æй фæрынчыны фæстæ.
COVID-19- ныхмæ вакцинацийы фадат ис, инфекцийы диагнозы сбæлвырдæй 30 боны фæстæ. Ифстæгтæй фæстæмæ сты, уыцы уæнгтæ, кæцытæ Ковид-19 инфекцийы рæстæджы хос кодтой Реконвал –ресуентон плазмайæ æмæ уыцы уæнгтæ, кæцытæн уæззау фазæйы уыд мультсистемон ныхылды синдром, снысангонд цауты 120 боны онг интервал.
Вакцинацийæн регистрацийы уагæвæрд
Ковид-19 ныхмæ вакцинацийæн регистрацийы фадат ис веб-фарс booking.moh.gov.ge , кæнæ «тæвд хахх» 1522. Веб –фарсыл афтæ дæр ис фадат вакцинацийы æмгъуыды фæивын, кæнæ санулир кæнын. Инструкци, онлайн регистрацийæн видеойы ис деталонæй æвдыст.
Кæм у мæ бон вакцинаци саразын.
Гуырдзыстоны «Ковид -19» ныхмæ вакцинæ 300-йæ фылдæр пункты цæуы арæзт. Картайыл æвдыст у, кæм у уæ бон вакцинæ саразын.
Вакцинæ саразыны фадат ис æви нæ æнæрегистрацийæ?
Вакцинацийы пункттæ. Информаци адристы фæдыл фенут ам. Мобилон вакцинаци снысангонд адристыл.
Вакцинацийы процессы æдасдзинад æхæхст кæнынц уæрæхпрофилон медперсонал æмæ медицинон ифтонгад. Фылдæр информаци фенут цы уавæр ис вакцинацийы пунктты.
**Гуырдызстоны уæвæг цæрыны бар-гæххæт райсгæ удгоймæгтæн, кæцытæ Гуырдзыстоны 3-æ мæйæ фылдæр сты, вакцинаци саразыны фадат ис Тбилисы, Батумы æмæ Кутаисы æртæ бæстыхайы:
- Тбилисы –академик Николоз Хъипшидзейы номыл центр, университетон клиникайы;
- Батумы – республикъон рынчындоны
- Кутаисы – Чхобадзейы номыл реабилитацион центры.
Кæцы вакцинæтæ сты къухбаххæссинаг.
Гуырдзыстоны вакцинацийы процесс 2021-æм азы 15-æм марты райдыдта. Бæстæйы ис цыппар æндæр æмæ æндæр вацинæ.
Уыдон сты:
- Pfizer-BioNTech
- Oxford/AstraZeneca
- Sinopharm SARS-CoV-2 Vaccine (Vero Cell)
- Sinovac. CoronaVac -Vero Cell, Inactivated
Pfizer/BioNTech
Америкайы медикаментты комапни (FDA) 2021 –æм азы августы авторизаци райста Файзеры, кæцы нысан кæны, цæмæй снысангонд вакцинæ у фыццаг «Ковид -19» ныхмæ авторизациацæугæ.Уый у дыууæ дозæйæ аразинаг вакцинæ æмæ у бæрзонд эффектондзинадæй зындгонд. Гуырдзыстоны Файзеры вакцинæ саразыны фадат ис:
– 12-15 азы кары хроникон низтимæ сабитæн;
– 18 аз æмæ хистæр гоймæгтæн;
– сывæрджынтæн алы æмгъуыдыл.
Уæлæмхасæн информаци Файзеры анотацийы фенут.
Oxford/AstraZeneca
Астразенекайы вакцинæ дунейы æнæниздзинады организацийы æнæаргъæвдæ спайдайы авторизаци райста.
Гуырдызстоны Астразенекайы вакцинаци барлæвæрд у 45 аз æмæ хистæр гоймæгтæн. Вакцинæ у дыууæ дозайæ райсинаг æмæ дозæты æхсæн рекомендаци у æмгъуыд 8 -12 къуыри.
Уæлæмхасæн информацийæн бакæсут Астразенекайы анотаци.
Sinopharm
Синофармы вакцинæдунейы æнæниздзинады организацийы æнæаргъæвдæ спайдайы авторизаци райста. Синофармы вакцинæ уыд арæзт Китайы æмæ у традицион методæй арæзт у. Синофармы вакцинæ 2 дозайы райсты рекомендаци ис лæвæрд, интервал 2-йæ 4 къуырийы онг.
Уæлæмхасæн информаци Синофармы анотацийы фенут.
Sinovac
Синовакы вакцинайæндунейы æнæниздзинады организацийы æнæаргъæвдæ спайдайы авторизаци райста.Уæлвæткъон уавæрты рухсадон къорды бастдзинадæй. Сæ рекомендацимæ гæсгæ, вакцинæйы спайдайы бар ис лæвæрд 18 æмæ хистæр уæнгтæн. Дозаты æхсæн æмгъуыд у 2 йæ 4 мæйы онг.
Уæлæмхасæн информаци Синовакы анотацийы фенут.
Кæмæн у «бустер-дозæ»
Вакцинацийы цæдисы æскъуыддзагæй, Гуырдызстоны а.х бустер дозайæ вакцинацийы барлæвæрд ис:
- 50 азæй хистæр кары уæнгæн, хроникъон низтимæ удгоймæгтæн æмæ бæрзонд рискъы профессийы уæнгтæн, вакцинацийæ æхсæз мæйы фæстæ ис бар бустер-дозайы саразын;
- афтæ дæр кæд æмæ балцæн æнæмæнг у бустер-дозайы сарæзт, кæд æмæ бæлццон хъуамæ уа вакциниргонд, снысангонд бæстæйы бæлвырдгонд вакцинæйæ (АИШ, Евроцæдис) уыцы цауы уæнгæн йæ бон у бавдиса балц бæлвырдгæнæн гæххæт. АИШ-ы низты контролы центры рекомендацимæ гæсгæ, хъауджыгонд вакцинæ саразыны фадат ис дыгкаг дозæйæ 28 боны фæстæ.