ხშირად დასმული კითხვები
Цæмæн хъуамæ саразæм вакцинæ «Ковид-19» -ы ныхмæ?
Вакцинаци раст æвзарæн у «Ковид -19» -æй сæрмагонд сæр, бинонты æмæ æхсæнады бахъахъæнынæн. Вакцинаци къаддæр кæны инфекци, рынчынты æмæ мæлæты нымæц. Афтæ дæр пандемийы фæурæды иуæй-иу алкæмæй эффектон амал у.
Гуырдзыстоны уæвæг регуляцитæм гæсгæ, вакцинацийы сарæзты фадат ис «Ковид-19» -ы сбæлвырдæй 30 боны фæстæ. Рацухгонд сты уæнгтæ, кæцытæ хос кодтой плазмайæ, мультисистемон синдоримæ (минималон интервал уыдонæн 120 бон у).
Пандемийы фæурæдæн «Ковид -19) ныхмæ вакцинацийы паралелонæй æнæмнг у превенцион норимæты адаргъ кæнын –маскъæты дарын, 1 метры бæрц дистанци æххæст кæнын æмæ къухты арæх æхсын.
Куыд сбæлвырд кæнон «Ковид-19» ныхмæ вакцинайы æдасдзинад æмæ куыд баууæндон?
«Ковид -19» ныхмæ вакцинæты цыбыр рæстæджы бацæттæ кæнын у æнæпрецедентон æмахастыты æмæ ставд инвестициты фæстиуæг æмæ æдасдзинады стандарт æхæхст кæнынц.
Вакцинæты æдасдзинад карз регуляциты процессы фæстиуæг сты ДÆО æмæ националон регуляцийы органты æрдыгæй. Вакцинæтæ æнæхъæнæй лæггад кæнынц æдасдзинад æмæ æппæтдуноен стандарттæн.
Иуæй –иу адæймагæн аллергион реакци уыд вакцинацийы фæстæ. Хъуамæ уон æви нæ тыхстгонд?
Иммунизацийы провайдер кълиникайы медицинон персонал профессионалонæй цæттæ у снысангонд реакциты хосæн æмæ раст къахдзæфты райстæн аллергион реакцийы цауы.
Нысаниуæгджын у дохтырæн базонгæ кæнат уыд æви нæ раздæр сымахæн уæззау аллергион реакци, уæлдай дæр та кæд уавæр расидтæуыд Эпинефрин кæнæ госпитализацийы æнæмæнгдзинад уыд.
Уæззау аллергион реакцитæ (анафилаксия) вакцинацийы фæстæ вæййы, фæлæ хорз бацæттæгонд медицинон персонал реакцийы æрбиноныгы проблемæ нæй.
Медициног бæстыхайæ ацыды фæстæ, кæд æмæ уæхи хорз нæ хатут, хъуыды кæнут, цæмæй гæнæн ис æмæ аллергион реакци у æнæмнгæй фæдзурут дохтырмæ.
Цы цауты нæ цæуы уагъд вакцинаци
(PFIZER-BIONTECH) –вакцинæйæ
- 12 азæй къаддæр кары
- зындгонд уæззау аллергион реакци вакцинайы алыхуызон компонентыл
- анафилаксион реакци, вакцинайы фыццаг дозæйы фæстæ
- тæвд (38.5 æмæ фылдæр), æндæр низ –вакцинаци хъуамæ æрцæуа æргъæвд.
- «Ковид-19» рабæрæгæй 30 боны рæстæджы
- æндæр вакцинæ æмæ «Ковид -19» ныхмæ вакцинацыйы æхсæн минималон интервал 14 бон у
(ASTRAZENECA) –вакцинæ
- 45 къаддæр кары уæнгæн
- негативон реакцитæ вакцинайы кæнæ компоненттыл
- анафилаксион реакци, вакцинайы фыццаг дозæйы фæстæ
- гепарин –индуциргонд тромбоцитопения (HITT кæнæ HIT type 2).
- Венæты кæнæ артерион тромбоз, тромбоцитты фоныл, кæцы рабæрæг ис «Ковид -19» -ныхмæ вакцинацийы фæстæ, Астразенекайы дыгкаг дозæ нæ цæуы уагъд
- Капиларон синдром CLS.
- Тæвд (38.5 æй фылдæр) уæззау низ –вакцинаци хъуамæ æрцæуа æргъæвд снæнизы онг.
- «Ковид -19» инфекцийы сбæлвырдæй 30 боны рæстæджы
- Алыхуызон вакцинацийы æмæ Ковиды ныхмæ вакцинæты æхсæн минималон интервал 14 бон у, рацухкæнинаг сты антирабион æмæ тетанусы ныхмæ прафилактика у, кæцы интервалы
сыххæстмæ æнкæсгæ цæуы уагъд.
(SINOPHARM) –ы вакцинæ
- 18 азæй къаддæр кары
- Алергион реакци вакцинайы активон æрмæгыл кæнæ компонентыл
- анафилаксион реакци вакцинайы фыццаг дозæйы фæстæ, дыгкаг дозæ нæ цæуы арæзт. Афтæ дæр кæд æмæ фыццаг дозæйы фæстæ негативон реакци уыд нервон системайы æрдыгæй
- аллегрион реакци разæдæр арæзт вакцинайыл
- Эпилепси, кæцыйы контролы фадат нæй, неврологион низ, кæнæ анамнезы (гиенбары синдром)
- уæззау хроникон низы терминалон стади
- сывæрджынæй уæвыны рæстæджы æмæ дзидзи хæрыны рæстæджы
- тæвд (38.5 –æй фылдæр) вакцинаци хъуамæ æрцæуа æргъæвд снæнизы онг
- Имуноглобилины райстæй Ковиды ныхмæ вакцинæ 30 боны интервалы цæуы арæзт
- Алыхуызон вакцинацийы æмæ Ковиды ныхмæ вакцинæты æхсæн минималон интервал 14 бон у, рацухкæнинаг сты антирабион æмæ тетанусы ныхмæ прафилактика у, кæцы интервалы сыххæстмæ æнкæсгæ цæуы уагъд.
(SINOVAC) – ы вакцинæ
- 18 азæй къаддæр кары
- Алергион реакци вакцинайы активон æрмæгыл кæнæ компонентыл
- анафилаксион реакци вакцинайы фыццаг дозæйы фæстæ, дыгкаг дозæ нæ цæуы арæзт. Афтæ дæр кæд æмæ фыццаг дозæйы фæстæ негативон реакци уыд нервон системайы æрдыгæй
- аллегрион реакци разæдæр арæзт вакцинайыл
- уæззау хроникон низы терминалон стади
- сывæрджынæй уæвыны рæстæджы æмæ дзидзи хæрыны рæстæджы
- тæвд (38.5 –æй фылдæр) вакцинаци хъуамæ æрцæуа æргъæвд снæнизы онг
- Имуноглобилины райстæй Ковиды ныхмæ вакцинæ 30 боны интервалы цæуы арæзт
- Алыхуызон вакцинацийы æмæ Ковиды ныхмæ вакцинæты æхсæн минималон интервал 14 бон у, рацухкæнинаг сты антирабион æмæ тетанусы ныхмæ прафилактика у, кæцы интервалы сыххæстмæ æнкæсгæ цæуы уагъд.
«Ковид -19» ныхмæ вакцинайы эффектондзинад
Эффектондзинады процентон æвдисæг алы вакцинайæн индивидуалон у æмæ бындурæвæрд у æртæ фазайы иртастыл. Ацы этапыл вакцинайы эффектондзинад 60% -90% онг у.
Æнæкæсгæ уымæ, æмæ Ковид-19 ныхмæ цалдæр вакцинайæн ис бæрзонд эффектондзинад, адæймагы 100% вакцинæ вирусæй нæ хъахъæны. Адæймæгты чысыл хайæн гæнæн ис æмæ вакцинацийы фæстæ уыцы иммунитет ма уа, кæцы у зæрдæвæрд вакцинайы фæстæ.
Цас рæстæг даргъ кæны «Ковид -19» ныхмæ вакцинацийы архайд организмы?
Куыд «Ковид -19» афтæ дæр «Ковид -19» ныхмæ вакцинæ ног у æмæ эксперттæ ацы этапыл сбæлвырдгондæй нæ зонынц цас рæстæджы у хъахъæд адæймаг инфекцийæ, нызы фæстæ, кæнæ вакцинацийы фæстæ. Фæлæ бæлвырдгонд у, цæмæй «Ковид -19» стыр нымæцæй мæлæт æмæ æнæниздзинады уавæры фæуæззауы цаутæ расидтис дунейы. Вакцинаци алкæмæй æдас æвзарæн у
Вакцинацийы фæстæ тæвд 38 –æй фылдæр температурæ, баихæн кæнын, лæмæгъдзинад æмæ куыд хъуамæ архайæм?
Вакцинайы сарæзты фæстæ гæнæн ис негативон аудындзинад рабæрæг уа, кæцы процессы хуымæтæг цау у æмæ æвдисы, цæмæй уæ организим цæттæ у вирусимæ тохмæ æмæ тыхджын кæны йæ ныхмæ тохы.
Алкæмæй арæх негативон реакцитæ вакцинацийы фæстæ
- инекцийы бынатыл басырх, кæнæ барæсид, рызт
- фæлладдзинад
- сæры рызт
- тæгты рызт
- ихæн кæнын
- тæвд
- æлгъæд
Бахъуыды кæнут, «Ковид -19» ныхмæ вакцинæ, афтæ дæр, куыд æндæр вакцинæ, кæнæ хос гæнæн ис æмæ негативон реакцитæ расида организмы. Фæлæ уыцы рекцитæ лæмæгъ æмæ рæстæгмæ хуыз хæссынц
«Ковид-19» рынчын уыдтæн, хъæуы мæ æви нæ вакцинаци саразын уæддæр?
Æнæкæсгæ Ковид инфекцийæ фæрынчынмæ, вакцинацийы сарæзт рекомендаци лæвæрдгонд у. Уымæн æмæ ацы этапыл ахуыргондтæн æнæзонгæ у низы фæстæ цы рæстæг ис адæймагы организмы иммунитет.
Клиникон иртастыты æрбадæттæгтæ æвдисынц, цæмæй «Ковид -19» ныхмæ, ацы этапыл æрсæт авторизаци ацæугæ вакцинæты спайдайæ ис фадат, тох кæнын.
Гуырдызстоны «Ковид -19» æмæ сбæлвырдгонд инфекцийæ рынчын пациенттæн сæ бон у низы сбæлвырды фæстæ 30 боны фæстæ саразой, цухгонд сты æрмæст уыцы уæнгтæ, кæцытæ рынчын уæвыны рæстæджы хос кодтой плазмайæ. Уыцыцауы 120 боны фæстæ сæ бон у вакцинæ райсын.
Барлæвæрд у æви нæ «Ковид -19»-ы ныхмæ вакцинаци сабитæн æмæ сывæрджын сылгоймæгтæн?
Æнæниздзинады дунейы организацийы рекомендацимæ гæсгæ барлæвæрд у.
Гуырдызстоны сывæрджын æмæ дзидзийæ сабиты хæрыны рæстæджы ис лæвæрд бар Pfizer-BioNTech – ы вакцинæ саразой алы этапыл.
Æнæмæнг у æви нæ специалон цæттæдзинад вакцинацийы процессы онг, антигестаминон препараты райст, цæвиттонæн?
Вакцинацийæн раздæрон медикаментон бацæттæдзинад, кæнæ специалон диагностикъон иртастытæ æнæмнг æрмæст индивидуалон (се æхсæн уæззау хроникон пациентты) цауы, консультацийы фæстиуæг, æскъуыддзаг исы дохтыр. Вакцинацийы онг короновирусы ныхмæ антигенты иртаст нæу информативон æмæ тесты дзуаппмæ æнæгæсгæ вакцинаци у æнæмнг.