Цыхъуамæ зонæм векторон вакцинæты фæдыл
Вирус векторыл арæзт вакцинæтæ хъауджыгонд сты хуымæтæг вакцинæтæй уымæй æмæ сæ кондады нæй антиген, кæцыйы иммунон системæ уайтагъд æнхъары æмæ йæ ныхмæ тох кæны. Растдæр уыцы имумунитет хъахъæны организмы фидæны. Вакцинацийы фæстæ, рæстæгмæ уæвæг негативон нысæнттæ организмæ хъахъæнынц фидæн инфекцийæ.
«Ковид -19» ныхмæ вирусон векторы вакцинæтæ сты: University of Oxford/AstraZeneca; CanSino; Gamaleya Research Institute; Janssen Pharmaceutical Companies
Цы хъуамæ зонæм М-РНМ вакцинæты фæдыл.
РНМ –вакцинæты ис вирус нæ, фæлæ урсбуары фрагменттæ. Вакцинæйы сарæзты фæстæ организмы архайы спайк-урсбуары арæзт æмæ уæрæх кæнын, кæцыйы иммунон системæ фæхаты æмæ реакци æххæст кæны –антигенты фылдæр кæнын вирусы ныхмæ.
Снысангонд вакцинæтæ сты Moderna/NIAID; Pfizer–BioNTech.
Цы хъуамæ зонæм инактивиргонд вакцинæты фæдыл.
Инактивиргонд вакцинæтæ традицион методæй арæзт сты. Уыдон сты вирусæй арæзт, кæнæ бактерийæ, кæнæ уыдоны искæцы фракцийæ æмæ дихгонд сты дыууæ сæйраг типæй – æхæхстгонд æмæ фракцион вакцинæтæ.
Снысангод вакцинæтæ сты Sinovac, Sinopharm–Beijing, Sinopharm–Wuhan, Bharat Biotech.
Вакцинæты негативон аудындзинад
Вакцинайы сарæзты фæстæ гæнæн ис негативон аудындзинад рабæрæг уа, кæцы процессы хуымæтæг цау у æмæ æвдисы, цæмæй уæ организим цæттæ у вирусимæ тохмæ æмæ тыхджын кæны йæ ныхмæ тохы.
Алкæмæй арæх негативон реакцитæ вакцитнацийы фæстæ
- инекцийы бынатыл басырх, кæнæ барæсид, рызт
- фæлладдзинад
- сæры рызт
- тæгты рызт
- ихæн кæнын
- тæвд
- æлгъæд
Æппæтæнпайда
Кæд æмæ вакцинацийы фæстæ рызт, кæнæ дискомфорт æнхъарут консультаци ацæут уæ дохтыримæ, ахæм хосты райсты фæдыл, куыд –Ибупрофен, кæнæ Парацетамол.
Инекцийы бынатыл рызт, дискомфорты фæкъаддæрæн:
- инекцийы бынатыл сывæрут хуылыдз, сыгъдæг уазал гæппæл
- активонæй архайут къухæй, æккойæ
- бирæ дон баназут
- бирæ дарæс ма скæнут, тæнæг дзаума
Кæд хъуамæ фæдзурæм дохтырмæ
Арæх рызт æмæ тæвд нормайы фæлгæтты ис, дохтырмæ дзурæм кæд:
- инекцийы бынат басырхдзинад, кæнæ æндæр дискомфорт 24 сахаты фæстæ фылдæрæй фылдæр кæны
- хиæвзæр хатын даргъ кæны цалдæр бон
Бахъуыды кæнут, «Ковид -19» ныхмæ вакцинæ, афтæ дæр, куыд æндæр вакцинæ, кæнæ хос гæнæн ис æмæ негативон реакцитæ расида организмы. Фæлæ уыцы рекцитæ лæмæгъ æмæ рæстæгмæ хуыз хæссынц.
Вакцинайы æдасдзинад.
Куыд хъуамæ бамбæрм у æви нæ «Ковид-19» ныхмæ вакцинæ æдас?
«Ковид -19» ныхмæ вакцинæты цыбыр рæстæджы бацæттæ кæнын у æнæпрецедентон æмахастыты æмæ ставд инвестициты фæстиуæг æмæ æдасдзинады стандарт æхæхст кæнынц.
Вакцинæты æдасдзинад карз регуляциты процессы фæстиуæг сты ДÆО æмæ националон регуляцийы органты æрдыгæй. Вакцинæтæ æнæхъæнæй лæггад кæнынц æдасдзинад æмæ æппæтдуноен стандарттæн.
Бæстæйы ДÆО, кæнæ снысангонд организацийы уагдоны (SRAs) æрдыгæй авторизаци ацæугæ вакцинæты бындурæвæрд, вакцинæйы æрмæг, æдасдзинад æмæ эффектондзинады гарант у.
Цы клиникон иртаст цæуы вакцинæ, йæ пайдайы онг?
«Ковид -19» -ы ныхмæ вакцинæтæ сараæзг æмæ иртастджыты 3-этапон клиникъон иртаст цæуынц, кæцыйы нысан у, рабæрæг уа æдасдзинад æмæ эффектондзинад. Кълиникон иртасты 3-æм фазайы иртастджытæ, вакцинацигонд уæнгты æнæниздзинады уавæр барынц æнæвакциниргонд уæнгты æнæниздзинады уавæрмæ. Снысангонд процесс дæтты фадат рабæрæг уа вакцинайы негативон реакцитæ æмæ афтæ дæр низы æвдисæг.
Кълиникон иртастыты дæс мины онг адæймаг у баст. Иртастджытæ иртастон процессмæ 2 мæйы дæргъы дарынц сæ цæст.
Цы нысан кæны æнæаргъæвгæ авторизацийæ спайда кæнын? (EUL – Emergency Use Listing)
Æнæаргъæвгæ авторизацийæ спайда(EUL – Emergency Use Listing) процедурайы фæлгæтты ног медицинон æрмæджыты (сæ æхсæн вакцинæты) æхæснадæмон æнæниздзинады уæлвæткъон уавæрты аргълæвæрд. Йæ нысан у æнæаргъæвгæ æнæмнгдзинады цауы цыбыр рæстæджы сыххæст, æдасдзинад, эффектондзинад æмæ критериты хъахъæдæй медикаментты, вакцинæты æмæ диагностикайы къухбаххæстдзинад.
Æнæаргъæвгæ спайдайы авторизацийы процесс йæ зæрдыл дары дыууæ æмæ æртæ дозайы клиникъон иртасты фæстиуджыты карз æмæ раст аргълæвæрд. Афтæ дæр нысаниуæгджын уæлæмхасæн æрбадæтæгтæ, æдасдзинад, эффектондзинад æмæ рискътыл ахадындзинад.
Вакцинацийы эффектондзинад
Эффектон у æви нæ вакцинæ æмæ куыд эффектон у
Вакцинаци раст æвзарæн у «Ковид -19» -æй хибахизын æмæ æхсæнады бахъахъæнынæн. Вакцинаци къаддæр кæны низы апарахат æмæ мæлæты цаутæ, рскъ æмæ пандемийы фæурæды иуæй-иу алкæмæй эффектон амал у.
Вакцинацийæн, рекомендаци лæвæрд у уыцы цауты дæр, кæд æмæ уæнг «Ковид -19» -æй фæрынчын ис æмæ снæниз ис. Уæвæг бæлвырдгæнджытæй инфекцийыæ схосы фæстæ нæй иммунитет, кæцы у æгъгъæд, æнæмæнг даргъæмгъуыдон рискъæй бахъахъæна уæнг æмæ ногæй ма фæрынчын уа.
Пандемийы фæуромынæн «Ковид -19» ныхмæ вакцинацийы уæлæмхасæнæй æнæмæнг у превенцион мадзæлтты адаргъ: медицинон маскъæты дарын, дистанци æмæ гигиенайы сыххæст.
Эффектон у æви нæ вакцинæ.
Эффектондзинады процентон æвдисæг алы вакцинайæн индивидуалон у æмæ бындурæвæрд у æртæ фазайы иртастыл. Ацы этапыл вакцинайы эффектондзинад 60% -90% онг у.
Æнæкæсгæ уымæ, æмæ Ковид-19 ныхмæ цалдæр вакцинайæн ис бæрзонд эффектондзинад, адæймагы 100% вакцинæ вирусæй нæ хъахъæны. Адæймæгты чысыл хайæн гæнæн ис æмæ вакцинацийы фæстæ уыцы иммунитет ма уа, кæцы у зæрдæвæрд вакцинайы фæстæ.
Вакцинæйы эффектондзинад куыд бæлвырд кæны.
Вакцинайы эффектондзинад барст цæуы стыр масштабæй клиникон иртастыты рæстæджы, кæцы нысан кæны, цæмæй вакцинæйы иртасынц цалдæр мин адæймагыл. Уыдон сты дыууæ къордыл дихгонд –иутæ исынц вакцинæ, иннæ хай та плацебо (медикамент).
Уый фæстæ уыдон даргъ кæнынц хуымæтæг царды уаг.
Файзеры вакцинайы кълиникон иртастыты 43 000 адæймаг райста хайад. Фæстагмæ уыдонæй 170 адæймаг фæрынчын ис.
«Ковид -19» -ы ныхмæ вакцинайы негативон реакцитæ.
Вакцинайы сарæзты фæстæ гæнæн ис негативон аудындзинад рабæрæг уа, кæцы процессы хуымæтæг цау у æмæ æвдисы, цæмæй уæ организим цæттæ у вирусимæ тохмæ æмæ тыхджын кæны йæ ныхмæ тохы.
Алкæмæй арæх негативон реакцитæ вакцинацийы фæстæ
- инекцийы бынатыл басырх, кæнæ барæсид, рызт
- фæлладдзинад
- сæры рызт
- тæгты рызт
- ихæн кæнын
- тæвд
- æлгъæд
Бахъуыды кæнут, «Ковид -19» ныхмæ вакцинæ, афтæ дæр, куыд æндæр вакцинæ, кæнæ хос гæнæн ис æмæ негативон реакцитæ расида организмы. Фæлæ уыцы рекцитæ лæмæгъ æмæ рæстæгмæ хуыз хæссынц.
Вакцинацийы фæстиуæг аллергион реакци æмæ анафилаксия
Куы хуымæтæг аллергийы цауы, цæвиттонæй куыд пеницилиныл аллергия, кæнæ æхсæрыл аллергия (арахисыл), мыдыбындзы хæсты фæстæ аллерги æмæ а.д иуæй иу адæймæгтæн гæнæн ис æмæ уа аллергион реакци «Ковиды-19» ныхмæ вакцинайыл дæр.
Æнæниздзинады дуноен организацийы рекомендацийæ, дохтыр деталон аргъ дæтты пациенты анамнезы сбæлвырдæн ис æви нæ пациентæн уæззау аллергион реакцийы рискъ. Иммунизацийы провайдер кълиникайы медицинон персонал профессионалонæй цæттæ у снысангонд реакциты хосæн æмæ раст къахдзæфты райстæн аллергион реакцийы цауы.
Нысаниуæгджын у дохтырæн базонгæ кæнат уыд æви нæ раздæр сымахæн уæззау аллергион реакци, уæлдай дæр та кæд уавæр расидтæуыд Эпинефрин кæнæ госпитализацийы æнæмæнгдзинад уыд.
Уæззау аллергион реакцитæ (анафилаксия) вакцинацийы фæстæ вæййы, фæлæ хорз бацæттæгонд медицинон персонал реакцийы æрбиноныгы проблемæ нæй.
Медициног бæстыхайæ ацыды фæстæ, кæд æмæ уæхи хорз нæ хатут, хъуыды кæнут, цæмæй гæнæн ис æмæ аллергион реакци у æнæмнгæй фæдзурут дохтырмæ.
Кæмæн нæй гæнæн уа арæзт «Ковид -19» ныхмæ вакцинæ
Æрмæст медицинон персоналæн у йæ бон базонгæ кæна уæнгы æмæ ратта квалифицирон рекомендаци, бæлвырдгæнджыты бындурыл.
- кæд æмæ анамнезы ис уæззау аллергион реакци «Ковид -19» вакцинайы искæцы ингридиентыл
- кæд æмæ у рынчын, кæнæ ис «Ковид -19» -ы симптомтæ, вакцинацийы сарæзты фадат снæнизы фæстæ уыдзæн лæвæрд.